Э. Портер

Ossetic (2014)

Поллианнӕ

Элинор Портеры хъайтар чиныгкӕсӕджы зӕрдӕ аскъӕфы йӕ диссаджы хъӕлдзӕг зӕрдӕйӕ. Иуӕндӕсаздзыд чызг уарзы цард, цин кӕны адӕмыл, цӕрӕгойтыл, бӕлӕстыл... Цыфӕнды уавӕры дӕр архайы «циндзинадӕй хъазын», адӕмы зӕрдӕты циндзинад тауын. «Афтӕ мӕм никуы каст, цыма зындзинӕдтӕ, хъизӕмар ӕмӕ фыдӕхӕн сӕ кой дӕр никуы ис, фӕлӕ сыл хъӕлдзӕг ӕмӕ ныфсджынӕй ӕмбӕлын ӕз нымадтон бирӕ хуыздӕрыл», - фыста чиныджы автор. Фыссӕг йӕхӕдӕг дӕр афтӕ цард, ӕмӕ ӕдзух чиныгкӕсӕгмӕ хъуысы йӕ ныстуан ӕнӕхин ӕмӕ хъӕлдзӕг Поллианнӕйӕ...

Доступні переклади